«Левада-Центр» - августы хæстæй 10 азы сæрыл, Уæрæсейы æмбæстæгты 18 процент, Мæскуыйы агрессийы тыххæй никуы фехъуыстой
Уæрæсейы æмбæстæгты 18 процент, Уæрæсе-Гуырдзыстоны хæсты фæдыл æппын ницы зонынц, 5 процент та, уырнæг сты, цæмæй конфликт райдыдта Уæрæсе. Уый фæдыл Уæрæсейы æрдгæй Гуырдзыстоны ныхмæ сæххæст агрессийæ 10 азы сæрыл, уырыссаг «Левадацентры» уагъд иртасæны мидæг дзырдæуы.
Рафарст æмбæстæгты 56 процент хъусын кæнынц, цæмæй Уæрæсе-Гуырдзыстоны хæсты фæдыл «цыдæртæ фехъусытой», фæлæ 18 процент дзурынц цæмæй хæсты тыххæй ницы зыдтой.
Рафарстмæ гæсгæйæ, Уæрæсейы æмбæстæгты 24 процент хъуыды кæнынц, цæмæй 2008 азы Уæрæсейы агрессий, АИШ-ы æмæ НАТО-йы бæстæты аххос у, рафарст цæрджыты фæндзæм хай дзурынц, цæмæй 2008-æм азы хæсты, «алы фарс дæр æмбæрц аххосджын у», æрмæст 3 проценты, Уæрæсейы æрдгæй оккупацигонд Абхаз æмæ Цхинвалы хицаугæнæг режимты аххосджын кæнынц.
«Æппæт антигуырдзиаг пропагандæ арæзт уыдис афтæ, цæмæй Уæрæсе йæ ныхмæ цæуы Гуырдзыстонæн нæ фæлæ, АИШ-æн æмæ НАТО-æн, кæцытæ лæууынц Саакашвилийы фæстæ», – райхъусын кодта «Коммерсантимæ» интервьюйы «Левада-Центры» директор Лев Гудков.
«Левада-Центры» рафарстмæ гæсгæйæ, Уæрæсейы æмбæстæгты æртыккæгæм хай, 2008-æм азы хæсты, азымджын кæнынц Гуырдзыстоны.