Леонид Слуцкий - Гуырдзыстон æмæ Уæрæсейы æхсæн ахастыты сног кæнын архайæг хицауады уавæрты каддæр æнхъæлцау у
Гуырдзыстон æмæ Уæрæсейы æхсæн ахастыты сног кæнын архайæг хицауады уавæрты каддæр æнхъæлцау у – уый фæдыл уырыссаг медиимæ интервьюйы, Уæрæсейы паддзахадон думайы æхсæнадæмон ахастыты комитеты къухдариуæггæнæг Леонид Слуцкий райхъусын кодта.
«Мæ хъуыдымæ гæсгæ, сындæггай ахастытæ сног уыдзысты. Фæлæ къаддæр æнхъæл хъуамæ уæм Гуырдзыстоны архайæг хицауады уавæрты æрцæуа. Ахастытæ дыууæ бæстæйы æхсæн æнæ уый дæр уæззау сты, ситуацийы цырын кæнын нæхъуаджы у» – райхъусын кодта Слуцкий.