«Лелойы» уæнгтæ дипломатон корпусы минæвæрттимæ фембæлд сарæзтой

13:51, 26.06.2025

«Лелойы» уæнгтæ Гуырдзыстоны аккредитацигонд дипломативон корпусы минæвæрттимæ фембæлд сарæзтой.

Бæрæг куыд у, афтæмæй фембæлдыл ныхасы сæйраг темæ уыд «Лелойы» лидерты Мамука Хазарадзе æмæ Бадри Джапаридзейы, афтæ дæр оппозицийы æндæр минæвæртты ахст.

Æмбырд арæзт æрцыд партион офисы. «Лело»-йæ фембæлды Усупашвили Давит, Датунашвили Тазо, Сиоридзе Гиорги æмæ Буадзе Саба истой хайад.

Зæрдылдарæнæн, тæрхондон «Лелойы» лидертæн Мамука Хазарадзе æмæ Бадри Джапаридзейæн аст мæйы ахæстоны фæбадыны тæрхон рахаста, парламенты рæстæгмæ фæдагурæн къамисы куырдиат нæ сæххæст кæныны тыххæй. Уыдонæн дæр дыууæ азмæ нæ уагътой сæ бынат бацахсын. Мамука Хазарадзе æмæ Бадри Джапаридзе 23-æм июны тæрхондоны æскъуыддзагыл бындурæвæрдæй æрцахстой.

Хуыздæр