«Лело Гуырдзыстонæны» лидеры, Мамука Хазарадзейы фидиуæнæй, зæгъгæ «Лелойæн» Европаг Советы президент Шарль Мишелы партитæн бавдыст абоны документ принципонæй райсинаг у, фæлæ кæронбæттæн позици сфиксиркæныны онг, алы пунктыл фæуынаффæ кæндзысты политсоветыл.
«Фæнды мæ зæгъон уын, цæмæй фидыдмæ тынг хæстæг стæм. Афтæдæр мæ фæнды зæгъын, цæмæй бадзырды дыккаг хайадисæг «Гуырдзиаг Бæллицц» фæстаг минутты айста йæхи фембæлдæй, мæ хъуыдымæ гæсгæ, уымæй ноджы иу хатт сбæлвырд ис, цæмæй сæ ацы бадзырд нæ фæнды æмæ импульсонæй архайынц, кæцы знаггад кæны нæ паддзахад æмæ æмбæстæгтæн.
Фæнды мæ раарфæ кæнын алы æвзæрстгæнæгæн, ницы уæлдай у, кæмæн схъæлæс кодтой, уыцы быхсындзинадæн кæцыйы æвдыстой фæстаг æхсæз мæйы мидæг ацы бойкоты дæргъы. Ай нæ уыд æнцон процесс, фæстаг къахдзæф ма нæ хъæуы цæмæй фидыдмæ æрцæуæм. Ацы документы фæстæ бæстæйы райдайдзæнис ног этап, кæцы фæбæрæг уыдзæнис уыцы пунктты реализацийæ, кæцытæ сыххæст уыдзысты АИШ-ы æмæ Евроцæдисæй мониторингы уавæрты» – райхъусын кодта Мамука Хазарадзе.
Абон публикацигонд æрцыд Европаг Советы президент шарль Мишелы ног документ, кæцыйæн йæ нысан у Гуырдзыстоны уæвæг политикон кризисы ифтыгъд суадзын. Иуæй-иу пунктæй, уыцы цауы, кæд æмæ бынæттон æвзæрстытыл Гуырдзиаг Бæллицц, пропорцион æвзæрстыты рæстæджы нæ рымбырд кæндзæн хъæлæсты 43%, бæстæйы уæлрадон парламентон æвзæрстытæ снысан уыдзæн.