«Лело» хъусын кæны, цæмæй йæ партийы уæнгты æрцахстой.
Партийы пресс-куысты информацийæ, ахстгондтæ сты Ото Парулава, Бека Беридзишвили æмæ Леван Йорбенадзе.
Партийы информацимæ гæсгæ, ахстгондтæй иу, Ото Парулава фыст расидæны бындурыл ссæрибар ис.
Уый фæдыл информаци Ираклий Купрадзе дæр апарахат кодта. Социалон хызы куыд ныффыста, афтæмæй «Лелойы» бæрнонтæ æндæр æмæ æндæр рæтты æмрæстæджы ахст æрцыдысты.