Легион «Азовы» раздзогы хæдивæг -  ацы афонмæ нæ бон у  хæцын  тынг уæззау  уавæрты, знагмæ ис  уæлидзинад уæлдæфы  æмæ денджызыл, уавæр тынг вазыгджын у
Легион «Азовы» раздзогы хæдивæг - ацы афонмæ нæ бон у хæцын тынг уæззау уавæрты, знагмæ ис уæлидзинад уæлдæфы æмæ денджызыл, уавæр тынг вазыгджын у

Легион «Азовы»  раздзогы хæдивæг  Святослав Паламар  хъусын кæны, цæмæй  хицауад алцыппæт хъуамæ  саразæт цы  йæ бон у æмæ цы нæу  уый дæр, цæмæй   фервæзын кæна  сæрмагонд хæцджыты.

Афтæма йæ  дзырдæй,    хæцджытæ  капитуляци йыл  хъуыды дæр нæ кæнынц æмæ  сæм хуыздæр кæсы   эвакуаци æхсæнадæмон гарантитæ хъахъхъæнгæйæ.

Легион Азовы  радзогы хæдивæг дзуры, цæмæй  уырыссæгтæм  ис  уæлдæфæй  уæлидзинад æмæ уый тыххæй   ситуаци тынг уæззау  у.

«Хицауад бамбæрста, цæмæй  нæ  знаг æрхъула кодта æмæ хъæуы   мадзæлттæ  райсын, логистикон   ифтонгадæн кæлидортæ  саразын.  Райстам бардзыд  æмæ  ацы  афонмæ  нæ бон у  хъахъхъæд дарддæр кæнын тынг уæззау  уавæрты.  Знагмæ ис  авиаци æмæ  уæлидзинад денджызыл дæр, уый тыххæй  тынг уæззау  уавæр ис» – райхъусын кодта Паламар.