Латвимæ  афæндарасты размæ, Гуырдзыстоны  футболон  къордыл,  премьер-министр фембæлд  #1TVSPORT
Латвимæ  афæндарасты размæ, Гуырдзыстоны  футболон  къордыл,  премьер-министр фембæлд  #1TVSPORT

Гуырдзыстоны футболон æмбырдгонд Европæйы чемпионатмæ ацæуыны размæ гом тренировкæ ауагъта. Къорд   18-æм январы араст уыдзæн Латвийы сæйраг горæт Ригæмæ.

Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Къобахидзе Олимпион галуаны æмбырдгонды бабæрæг кодта æмæ сын æнтыстытæ раарфæ кодта.

« Стыр бузныг  уын зæгъын.  Фæнды мæ  æнтыстытæ раарфæ кæнын Европæйы чемпионатыл. Уырны мæ, цæмæй уый у æрмæстдæр райдайæн, æнтыстытæ фылдæрæй-фылдæр кæндзысты азты дæргъы. Уыæмæн бындур вæрд у  æмæ уый фæдыл  уæлдай бузныг уыдзынæн. Арфæ уын кæнын æнтыстджын, амондджын аз  Европæйы чемпионатыл» -расидтис Ираклий Къобахидзе.

Гуырдзыстоны  футзалæй  æмбырдгонд  Европæйы  чемпионаты  фæд-фæдыл  дыккаг хатт ерыс кæндзæн. Евро-2026,  21-æм январæй 7-æм февралмæ Словени, Латви æмæ Лиетувæйы уагъд æрцæудзæн.

Гуырдзыстоны æмбырдгонд «А» къорды Латви, Хорвати æмæ Францимæ фембæлдзæн, фыццаг матч Латвиимæ 21-æм январы.  Гуырдзыстоны æмбырдгонды матчты телеуынынады æвдыст Фыццаг Къанал æмæ Фыццаг Къанал Спорт æххæст кæндзысты.