Латви  Евроцæдисæй  домы, уырыссаг  туристтæн   визæтæ алæвæрдыл тобæ  сæвæрын
Латви Евроцæдисæй домы, уырыссаг туристтæн визæтæ алæвæрдыл тобæ сæвæрын

Латвийы фæсарæн хъуыддæгты министр Эдгарис Ринкевичс  æрсидтис  Евроцæдисмæ, Уæрæсе терроризмы  спонсор  падзахадыл  банамыны  фæдыл.  Уый тыххæй  фидиуæн  Эдгарс Ринкевичс  ныффыста  «Твиттеры» сæрмагонд фарсыл.

Латвийаг  дипломат  бафаудта  «Еленовкайы  украинаг   æфсæддон уацайрæгты марындзинад æмæ Уæрæсе, Украинайы  ныхмæ цы  æфсæддон   фыдракæндтæ  сыхæст  кодта уый æппæт».

Ринкевичс  æрсидтис  Евроцæдисмæ, Уæрæсейы æмбæстæгтæн   туристон визæтæ лæвæрдыл тобæ  сæвæрынмæ.

Бакой уын кæндзыстæм, Уæрæсейы  оккупацигонд Донецкы  зылды, цæрæн пункт Еленовкайы уæвæг  колонийыл хафты  фæстиуæгæн 53 украинаг  уацайраг амард, ноджы 73   фæцæф сты.  Æрцæугæйы  Киев, зылынджын кæны Уæрæсейы  æмæ  хъусын кæны, цæмæй Мæскуы  колонийыл хафт барæй ракодта, цæмæй  уацайрæгты  хъизæмары  фактты бæлвырдгæнæнтæ  скуынæг кодтаит.