Латви Евроцæдисæй домы, уырыссаг туристтæн визæтæ алæвæрдыл тобæ сæвæрын
Латвийы фæсарæн хъуыддæгты министр Эдгарис Ринкевичс æрсидтис Евроцæдисмæ, Уæрæсе терроризмы спонсор падзахадыл банамыны фæдыл. Уый тыххæй фидиуæн Эдгарс Ринкевичс ныффыста «Твиттеры» сæрмагонд фарсыл.
Латвийаг дипломат бафаудта «Еленовкайы украинаг æфсæддон уацайрæгты марындзинад æмæ Уæрæсе, Украинайы ныхмæ цы æфсæддон фыдракæндтæ сыхæст кодта уый æппæт».
Ринкевичс æрсидтис Евроцæдисмæ, Уæрæсейы æмбæстæгтæн туристон визæтæ лæвæрдыл тобæ сæвæрынмæ.
Бакой уын кæндзыстæм, Уæрæсейы оккупацигонд Донецкы зылды, цæрæн пункт Еленовкайы уæвæг колонийыл хафты фæстиуæгæн 53 украинаг уацайраг амард, ноджы 73 фæцæф сты. Æрцæугæйы Киев, зылынджын кæны Уæрæсейы æмæ хъусын кæны, цæмæй Мæскуы колонийыл хафт барæй ракодта, цæмæй уацайрæгты хъизæмары фактты бæлвырдгæнæнтæ скуынæг кодтаит.