Лаша Тъалахадзе Европæйы авдхаттон чемпион ссис    #1TVSPORT
Лаша Тъалахадзе Европæйы авдхаттон чемпион ссис #1TVSPORT

Ереваны уагъд европæйы  Чемпионатыл  гуырдзиаг   уæззауаталет Лаша Тъалахадзе   континенты  Чемпионы титул æвдæм хатт рамбылдта.

Тъалахадзе  210, 2017 æмæ 222 кг  схæцыд, цæмæй  дæр  сыгъзæрин   майдан   рамбылдта.  Гуырдзыстоны  æмбырдгонды  ноджы иу  уæнг Бакар  Турманидзе  170  æмæ   176 кг сфиксир кодта æмæ  цыппæрæм бынат  бацахста.

Лаша Тъалахадзе  ерысы  иннæ  категиорийы    246  кг схæцыд, стæй та  252 кг сфиксир кодта  æмæ сыгъзæрин майдан   рамбылдта.

Лаша Тъалахадзе   Европæйы Чемпионатыл  фыццаг хатт 2016  азы фæуæлахиз ис.  Уый дунейы  æхсæзхаттон æмæ   олимпион  хъæзтыты  дыууæхаттон  чемпион у.

Ереваны  Европæйы багйомы   бæрæгбонон  церемонийыл  Тъалахадземæ  Европæйы  2022 азы сегасдæр  хуыздæр атлеты  титул уыд лæвæрд.  Уый уыдис фыццаг цау,  гуырдзиагы сегасæй хуыздæрыл æхсæнадæмон спортивон  журналисттæ куы  банымадтой.

Ереваны  Гуырдзыстоны æмбырдгонд уæнгтæ  æмтгæй райсгæйæ 17  æндæр æмæ æндæр  майданы   рамбылдтой, уыдонæй авд  сты сыгъзæринтæ.

Уæззау атлетикæйы  дунейы  2023  азы  чемпионат 2 –йæ  17  сентябр  хынцгæйæ  Сауды Аравийы ацæудзæн.