Атлетикæйы æхсæнадæмон федерацийы веб-фарсыл фæцис рафарст 2018 азы сеппæтæй хуыздæры равзарынæн нæлгоймаг æмæ сылгоймаг атлетты æхсæн.
Рафарсты хайад истой 30 000 мины онг адæймаг. Нæлгоймæгты æхсæн сеппæтæй хуыздæрыл банымадтой, æнхъæлмæкæсинаг куыд уыдис афтæ – гуырдзиаг спортсмен Лаша Тъалахадзейы.
Дыккаг бынатыл ис ирайнаг Сохраб Моради, æртыккагыл та – индонезиаг Эко Иули Иравани.
Сылгоймæгты æхсæн сеппæтæй хуыздæрыл нымад æрцыд Лидиа Валентини.