Лаша Тъалахадзе – бацархайдзынæн, Мæскуыйы Европæйы Чемпионатыл Гуырдзыстоны гимн айзæлын кæнын
Гуырдзиаг спортсменты сæйраг нысан у фæуæлахиз уын æмæ тох кæнæм, цæмæй бæстæйы ном скадджын кæнæм, – уый фæдыл атлетикæйæ Дунейы чемпион æмæ рекордсмен Лаша Тъалахадзе фехъусын кодта Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн.
Дунейы Чемпион дзуапп ратта фæстаг периоды гуырдзиаг спортсменты æрдæм, сæ нымæцы гуырдзиаг регбистты æрдæм политикон æмæ æфхæрæн куырдиæттæн. Иуæй-иу ахæм куырдиат сарызта «Лейбористон Партийы» лидер Шалва Нателашвили.
Лаша Тъалахадзейы дзырдæй, зæгъгæ бацархайдзæн, Мæскуыйы Европæйы Чемпионатыл фæуæлахиз уын. Лаша Тъалахадзе афтæдæр æнтыстытæ ракуывдта гуырдзиаг регбисттæн, кæцытæ фæдылдзог матчтæ Бельгийы æмæ Уæрæсейы æмбырдгæндтимæ хъуамæ ахъазой.
«Мах политикæйæ тынг дард стæм. Нæ сæйраг нысан у фæуæлахиз уын æмæ тох кæнæм, цæмæй бæстæйы ном скадджын кæнæм æнтыстæй æмæ уæлахиздзинадæй. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, спорт Гуырдзыстоны тынг бæрзонд æмвæзадыл лæууы æмæ алкæмæн мæ фæнды зæгъын, цæмæй спортсментæй алкæцы дæр тох кæны æрмæстдæр уæлахиздзинады тыххæй æмæ Гуырдзыстоны ном фæсарæнты скадджын кæнынæн. Рамбулæм, цæмæй нæ бæстæйы гимн айзæлын кæнæм Дунейы æндæр æмæ æндæр рæтты.
Фæнды мæ æнтыстытæ ракувын гуырдзиаг регбисттæн, кæцытæ фембæлдзысты Бельгиимæ æмæ стæй Уæрæсейы æмбырдгондимæ. Уырнæг дæн, фæуæлахиз уыдзысты.
Афтæдæр, махæн ацы аз уыдзæн Европæйы Чемпионат Мæскуыйы, кæцыйы хайад райсдзыстæм. Бацархайдзынæн Гуырдзыстоны гимн айзæлын кæнын Мæскуыйы æмæ вæццæгæн, уый уыдзæн мæ дзуапп алы уыцы адæймагæн, кæмæндæриддæр йæ зæрдæ хсайы нæ патриотизммæ. Æнтыстытæ гуырдзиаг регбисттæн. Æнæмæнгæй фæуæлахиз уыдзыстæм», – райхъусын кодта Лаша Тъалахадзе.