Лаша Койава - Февралы æз ныридæгæн зыдтон, цæмæй хæстон архайдтытæ гæнæн ис æмæ райдайой уалдзæджы, æмæ мæм бакодтой хæс тагъдæй быдырон госпиталь бацæттæ кæнын
2008 азы цыдысты интенсивон ахуыртæ, уымæн æмæ мах ныридæгæн зыдтам, тагъд рæстæджы кæй ацæудзысты хæстон архайдтытæ, уый тыххæй загъта «Режимы æмæ йæ политикон бæрнон кусджыты 2003-2012 азты архайдтытæ иртасыны рæстæгмæ слестгæнæн къамисы» рабадтыл æрдзон тыхты медицинон хайады раздæры хистæр Лаша Коява.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Сагурамо сбæрæг ис, быдырон рынчындоны æрбынат кæныны бынат æмæ ахуыртæ куы райдыдтой, уæд.
Къамисы рабадтыл Койава Лашæйæ бахатыдысты, цæмæй сбæлвырд кæна, кæцы мæйы кой кæны, кæцымæ Коява банысан кодта: «Февралы мæйы æз ныридæгæн зыдтон, цæмæй хæстытæ гæнæн ис æмæ райдайой кæмдæр уалдзæджы. Уалдзæджы кæрон, майы, июны райдианы. загъта Койава Лаша.
Ацы фарсты фæдыл къамисы сæрдар Тея Цъулукиани къамисы рабадтыл радта ноджы иу фарст: «Февралы мæйы ныридæгæн зыдтат, цæмæй хæстон архайдтытæм цæттæ кæнын хъуыд?» – кæцыйæн Койава дзуапп радта: «О, мæнæн лæвæрд æрцыд хæс, цæмæй майы кæронмæ быдырон госпиталь æвæстиатæй бацæттæ кæнон.