Лаша Хуццишвили – ацы этапыл Уæрæсеимæ визон режимы ногæй æркæсыны æнæмæнгхъæуындзинад нæ уынын

15:48, 17.10.2022

Абон уæвæг   контролы механизмтæ  æххæст æмбæлон сты  уыцы  быцусидтæн, кæцыты раз бæстæ лæууы,  уымæ гæсгæ дæр, ацы этапыл Уæрæсеимæ   визон режимы  ногæй æркæсын, мæнмæ  гæсгæ  æмæнгхъугæ нæу –  уый фæдыл  фидиуæн Гуырдзыстоны  финансты министр   Лаша Хуцишвили  хицауады  абоны  рабадты фæстæ   лæвæрд брифингыл райхъусын кодта, кæцыйы бафарстой  Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвилийы  Молдовæмæ вихиты рæстæджы абон  арызт фидиуæны фæдыл.

Сæрмагондæй,  Саломэ Зурабишили Молдовæйы  президентимæ иуæймаг пресс-конференцийыл   банысан кодта, цæмæй  «Уæрæсейы  æмбæстæгты  æрбацыд æцæгдæр у быцæусидт,  цух нæу, цææмй  тынг либералон визон режимы ногæй æркæсын  бахъæуа. Визон режимы фæдыл  уынаффæ, хъуамæ рахæсса хицауад».

«Абон уæвæг  механизмтæ, кæцы механизмтæй  цæуы æмбæлгæ контрол,   уый нымæцы визон   режим, контролы иуæй-иу фæрæз у, зæгъæм кæй  æрбауадзын  хъæуы бæстæмæ  æмæ кæй  та фæстæмæ аздахын, чи у тæссаг æмæ чи нæу, ацы  кæнæ æндæр уæнг  бæстæмæ рбахизын куы архайы уæд.  Абон уæвæг   контролы  механизмтæ æххæстæй   æмбæлон сты  уыцы  быцæусидтæн, кæцыты раз лæууы бæстæ  æмæ уымæ æмбæлгæйæ дæр, ацы  этапыл  уый æнæмæнгхъæуындзинад сæзмагондæй æз нæ уынын. Кæд ахæм  момент æрлæудзæн,  цæмæй бæстæйы  уæвæг контролы  механизмтæ æмбæлон  нæ уыдзысты уыцы   стандартæм, цы  стандарт дæр бстæйы  у æнæмæнгхъæугæ  æдасдзинады æрдгæй,  ууыл гæнæн ис  уа ныхас, фæлæ  абон  æнæхъуаджы у» – райхъусын кодта Лаша Хуцишвили.

Хуыздæр