Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы фидиуæн журналисттæм æртъхъирæны факты фæдыл
Æхсæнадон Уацхæссæг сиды æхсæнадæмон органищациты минæварадтæм Гуырдзыстоны, дипломативон корпусмæ, Европæйы Уацхæссджыты Цæдисмæ (EBU), лæмбынæг сæ хъусдард раздахой Гуырдзыстоны цæугæ процессты рæстæджы Æхсæнадон Уацхæссæджы журналисттæм хъомысдарыны, тасæфтауыны æмæ сæ куыстмæ гуырымыхъхъ хифæтъыссыны бæлвырд факттæм.
Гуырдзыстоны Фыццаг Канал 8 ноябры айтынггонд фæзындтæ рухс кодта æнæаскъуынгæ эфирæй, куыд телеуынынадон, радио, афтæ онлайн-платформæйыл (www.1tv.ge). Журналистон стандарттæ æххæстæй хъахъхъæнгæйæ, кæсджытæн лæвæрдта факттыл бындурæвæрд æмæ æнæфæсайгæ информаци, бынатыл куыста цалдæр исæг къорд, кæцытæ иу уысммæ дæр нæ фæурæдтой сæ куыст, доны сыгы, æхст дуртæ æви зиангонд техникæмæ нæкæсгæ, цæмæй поляризацигонд медиа-æрдзы æххæст æмæ реалон ныв бадæттаиккой æхсæнадæн.
Фæнды нæ банысан кæнын, цæмæй категорионæй нæрайсгæ у медийы минæвæрттыл уыцы æлхъывд, кæцы 8 ноябры акцийы цыды рæстæджы ракодта «Европаг Гуырдзыстоны» иуæй-иу лидер Гиги Угулава. Бæрæг у, цæмæй йæ æнæбындур уæззау аххосæгтæ æмæ журналистимæ ныхасы уаг, журналисты тасыæфтауын æмæ йæ куыст бахъыгдарыны нысанæн уыд.
Афтæма æртъхъирæны кампанийы дарддæрдзу у парламенты уæнг Гиорги Канделакийы фидиуæн, ома хицауады ивды фæстæ аскуыддзаг уыдзæн, адарддæр кæна æви нæ Æхсæнадон Уацхæссæг кусын уый. Ахæм кампанитæ, куыд уаг, йеуæд райдайынц, политиктæн сæ зæрдæмæ куы нæ цæуы журналистты æрдгæй уыдонæн лæвæрд фарстытæ æмæ сæ репортажтæ. Диссаг нæу, уыцы архайдæн мæн дæр фæстæмæ, йæ нысан у журналистты фæтæрсын кæнын æмæ сæхи дæлбар бакæнын.
Фæнды нæ хаххгондæй банысан кæнын, цæмæй Æхсæнадон Уацхæссæг у бæстæйы иуæй-иу сегасдæр ахсджиаг демократон институци æмæ йæ куыст у иттæг нысаниуæгджын фактор æхсæнады стынг кæнынæн, æмæ растдæр уый тыххæй, йæ хæдбарад бæлвырд у конституцийæ. Фыццаг Каналы миссимæ æмбæлгæйæ, йæ редакцион политикæ никуы уыдзæн уавæры эскалацийы æрдæм цырын, – уый кæддæриддæр архайы бæрзонд журналистон стандарттæй æмæ рухс кæныны сегасдæр сæйраг принциптæй: дырысдзинад, объективондзинад, рæстдзинад кæцы нысан кæны уый, цæмæй æмбæстæгтæн, искæцы партион платформæйæ зынгæ ныв нæ фæлæ, реалон информаци хъусын кæнæм.
Хъыгагæн, абон гуырдзиаг медиа, нысаниуæгджынæй рахаты политикон æндæвдад, дырыс поляризацигонд у æмæ ацы уавæры тыххæй, иуæй-иу партийæн нæрайсгæ у сæ æндæвдадæй уæгъдибар медийы уæвын Æхсæнадон Уацхæссæджы хуызæй. Растдæр ацы нысанæн цæуы æртъхъирæны æмæ тасыæфтауыны компани, цæмæй моралонæй сæхи дæлбар бакæной журналистты æмæ афтæмæй сæвзæрын кæной уыдонæн фæндон информацион тох.
Афтæдæр нæ фæнды, хъыгдзинад равдисын уый тыххæй дæр, цæмæй адæмон барты хъахъхъæнæг нæ фиппайы æмæ ницы реакци æвдисы нæ журналистты æрдæм тыхмидзинады факттыл.
Дзырды сæрибар у демократийы бындур, кæцыйы æххæст кæнын тарст журналисттæ не сфæраздзысты. Æхсæнадон Уацхæссæг кæронммæ хъахъхъæндзæн йæ журналистты цыфæнды хуызы уæлæндæвдæй хæдбарад æмæ уырнæг стæм, цæмæй ацы тыхархайды нын баххуыс уыдзысты нæ æхсæнадæмон партнертæ.