Ладо Апхазава - тынг цымидисон адæймæгтимæ базонгæ дæн æмæ бирæ дисаджы хъуыддæгтæ сараздзыстæм иумæ
Хью Джекманы фарсмæ, иу сценæйыл куы лæууыс æмæ ацы шоуйы иуæй-иу хайадисæг куы дæ уæд нæй гæнæн æмæ ма стыхсай – уый фæдыл Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналæн «глобал Тичер 2019»-ы финалист, ЧИбатийы хъæуы æхсæнадон скъолайы æмбæстагон рухсады педгог, Ладо Апхазава загхта.
«Тынг цин мын у, финалон дæсы æхсæн кæй дæн уый. Тынг зæрдæмæдзæугæ уавæр уыд абоны бонмæ. Стыр бузныг зæгъын мæ фæнды Гуырдзыстоны ахуырады министрæн, ардæм кæй æрцыд æмæ мæ фарсмæ кæй лæууыд уый тыххæй. Уый тынг стыр стимул у мæнæн» – райхъусын кодта Апхазава.
Ладо Апхазава афтæдæр фæныхас кодта фидæны плæнтты тыххæй.
«Мæ плæнттæ ахæм сты цæмæй баиу уыдзынæн æхсæнадæмон проектытæм. Глобалон ардæмадæй кусдзынæн. ДÆсойы хуызæй тынг æууæнкаг æмæ цымидисон адæймагæтимæ базонгæ дæн, кæцытимæ иумæ бирæ тыхджын хорз хъуыддæгтæ сараздзыстæм. Цин мын мæ хæлæрттæ кæй сты уый» – бафтыдта ма Ладо Апхазава.
«Глобал Тичер 2019» -ы уæлахизгонд æссис кенийаг математикæ æмæ физикæйы ахуыргæнæг Питер Табич. Уæлахизгонд ахуыогæнæг глобалон хозæхджын кæныны церемонийыл Дубаийы рабæрæг кодтой. Уæлахизгонд призы хуызæй райсдзæн иу милуан америкаг доллар.
Дæс финалисты æхсæн уыд Ланчхуты муниципалитеты Чибатийы хъæуы æхсæнадон скъолайы æмбæстагон рухсады педагог Ладо Апхазава.