Кьиевы  АИШ-ы минæварад, Украинæйы  Хæдбарады Бонмæ гæсгæ  публикаци кæны рагфæдзæхæст Уæрæсейы  гæнæн  уæлдæфон бырсты  фæдыл
Кьиевы АИШ-ы минæварад, Украинæйы Хæдбарады Бонмæ гæсгæ публикаци кæны рагфæдзæхæст Уæрæсейы гæнæн уæлдæфон бырсты фæдыл

 

Кьиевы  АИШ-ы минæварад, Украинæйы  хæдбарады бонмæ гæсгæ  Уæрæсейы  гæнæн  уæлдæфон бырсты  фæдыл рагфæдзæхæст публикаци кæны.

Минæварады публикацигонд фидиуæны  банысангонд у, цæмæй иннæ  цалдæр боны  дæргъы, ис  уырыссаг  дронты æмæ ракетон бырстыты  райрæзгæ  раск æппæт Украинæйы масштабæй, кæцы  баст у Украинæйы  Хæдбарады  бонимæ, 24 августимæ.  Бырстытæ  æнхъæлмæ кæсинаг сты  куыд боны,  афтæ æхсæвы сахатты.

Минæварады рекомендаци у, цæмæй  æмбæстæгтæ  сæ цæст дарой  бынæттон  медиамæ, бацагурой   бомбææмбæхсæнтæ æмæ  уæлдæфон фæдисы  цауы, æнæаргъæвгæйæ   ныххизой   бомбææмбæхсæнмæ, уæлвæтк уавæры  цауы та  бакоммæкæсой украинаг   официалон уæнгты  амындтæм.