Куыд хъæлæс кæнын хъæуы Сабион Евроуынынад 2025 азы конкурсы
Куыд хъæлæс кæнын хъæуы Сабион Евроуынынад 2025 азы конкурсы

Гуырдзыстон уагъд цæуы 2025-æм азы Сабион Евроуынынады зарæджы конкурс – кæронбæттæн шоу сабаты, 13-æм декабры, 20:00 сахатыл сырæздзæн.

Европæйы сеппæтæй престижон юниорты конкурсы финалы 18 европæйаг бæстæйы минæвæрттæ хайад райсдзысты, се æхсæн Гуырдзыстоны минæвар – «Ранинайы» уæлахиздзау Абгарян Анита.

Юниор Евроуынынады 2025 азы Гуырдзыстоны минæварæн онлайн хъæлæсæппæрст уыдзæн гæнæн Гуырдзыстонæй æмæ дунейы цыфæнды бæстæйæ дæр.

Хъæлæсæппæрст jesc.tv-йы 12-æм декабры æмбисæхсæв 12:00 сахатæй райдайдзæн.

Гуырдзыстон Юниорты Евроуынынады  историйы алкæмæй  æнтыстджын  бæстæ у,  цыппар хатт  фæуæлахиз уæвгæйæ. Гуырдзыстон дыккаг хатт фысым кæны ерыстæн, ацы хатт Андрия Путкарадзейы уæлахизы фæстæ Юниор Евроуынынады 2024 азы.

Кæронбæттæн шоу комкоммæ эфиры 13-æм декабры мадзалы амонæг, Гуырдзыстоны æхсæнадон Уацхæссæг сисдзæн.