Кутаисы æхсæнадæмон университеты адронон терапийы центры проектон куыстытæ райдыдта
Кутаисы æхсæнадæмон университеты адронон терапийы центры проектон куыстытæ радйдытой. Информацийы хъусын кæны университеты æхсæнадимæ ахастыты куыст.
Сæ хъусинагæй, проекты æххæст кæны дунейы иуæй-иу акæнæг архитектурон бюро, испайнаг IDOM къорд. Ацы фарсты тыххæй, сом æмæ иннæбон компанийы минæвæрттæ фæуазæг уыдзысты университеты кампусмæ. Гуырдзыстоны афтæдæр сты æмæ фæнысангонд проекты исынц хайад онкологион низты протонон терпаийы фæрцы хосгæнæн мадзæлтты акæнæг комипани IBA (Бельги) къордтæ.
Адронон терапийы центры байгом университеты 2024 азмæ у плангонд, проекты финанс кæны æхсæнадæмон хæрзгæнæг фонд «Карту».
Кутаисы æхсæнадæмон университет (KIU) байгом ис 2020 азы æмæ студентты фыццаг къада райста. Университеты нысан у, этапгай суа æхсæнадæмон иртасыны æмæ ахуырады иуæй-иу сегасдæр раздзог регионы. Университеты лабораториты базæйыл цæудзæн бакалавриаты, магистратурæйы æмæ докторон программæты рæзынады KIU-ы æмбæлон фадгуыты зонæдты æмæ акæнæг экспертты æрласыны нысанæй.
2020 азы онкологион низты протонон терапийы фæрцы хосгæнæн фæрæзты дунейы акæнæг компани IBA-ы æмæ Кутаисы Æхсæнадæмон Университеты æхсæн къухбафыст æрцыд бадзырд Гуырдзыстоны протонон терапийы фыццаг центр байгом кæнынæн. Проекты æхсæнадæмон хæрзгæнæг фонд «Карту» 40 милуан евройы бæрц грантæ финанс кæны.