Курт Волкер – Украинайыл ныхасы рæстæджы ма хъуамæ ферох кæнæм, цæмæй ссарæм фæндаг Гуырдзыстоны оккупаци кæрон скæнынæн, Евроцæдисмæ Украинайы интеграцийы рæстæджы нæ ма хъуамæ ферох уа Гуырдзыстон дæр
Европаг политикæйы анализы центры минæвары, НАТО-йы Америкæйы Иугонд Штатты раздæры минæвар, Курт Волкеры фидиуæнæй, зæгъгæ нысаниуæгджын у Гуырдзыстоны темæйы æхсæнадæмон бонвæткы ныууадзын æмæ Тбилисы цæугæ æхсæнадæмон конференцийы иуæй-иу нысан растдæр уый у.
«Ацы конференци фыццаг хатт куы уыд бындурæвæрд, кæцы куыд хъуыды кæнын, 2015 азы æрцыд, уымæн уыдис дыууæ принципон рард æмæ ацы рардтæ абон дæр релевантон сты. Фыццаг рард у Ныгуылæнæй адæмы æрласын Гуырдзыстонмæ, цæмæй уыдон базоной ацы бæстæйы тыххæй, цæмæн æмæ бирæ æнæраст цæстæнагс ис Гуырдзыстоны фæдыл, хъуыды кæнынц, цæмæй ацы бæстæ дард у æмæ эгзотикон у. Æнæхъæн æхсæв хъæуы тæхын æмæ æнхъæлынц, цæмæй уый у æввахс скæсæны. Ацы адæмы æрласын æмæ бæстæйы базонын кæнын у нысаниуæгджын, уымæн, цæмæй сæхæдæг банкъарой æмæ феной, цæмæй Гуырдзыстон у Европаг бæстæ. Культуронæй, историонæй, менталонæй, ориентацийæ уый у европаг бæстæ. Ардæм чи æрцæуынц уыцы адæм сты сахадæг адæм сæ фыдыбæстæйы;
Дыккаг нысан та у уый, цæмæй сифтонг кæнæм Гуырдзыстоны фарста ныууадзын бонвæткы. Дунейы кæддæриддæр вæййы кризистæ, кæцытæ хъусдард сæхимæ аласынц – хæст Иракы, хæст Сирийы, Ливийы, Тайван, ныр та Украина – æмæ адæмы гæнæн ис æрбайрох уа Гуырдзыстон. Уый тыххæй нысаниуæгджын у Гуырдзыстоны темæйы æзсæнадæмон бонвæткы ныууадзын. Куы ныхас кæнæм Украинайы ныхмæ Уæрæсейы агрессийыл, уæд нæ зæрдыл хъуамæ лæууа, цæмæй Уæрæсе Гуырдзыстонмæ 2008 азы æрбабырста, 15 азы размæ æмæ абон дæр оккупацигонд сты Гуырдзыстоны территоритæ. Уымæ гæсгæ дæр, Украинайы хæсты тыххæй куы ныхас кæнæм æмæ рацæуæн агурæм, ма хъуамæ ферох кæнæм цæмæй афтæдæр хъуамæ бацагурæм фæндаг Гуырдзыстоны оккупаци кæрон скæнынæн дæр. Евроцæдисмæ Украинайы фæтагъдгонд уагæй интеграцийы кой куы кæнæм, уæд ма хъуамæ рох кæнæм Гуырдзыстон дæр», – райхъусын кодта Курт Волкер.
Тбилисы æрвылазон æхсæнадæмон конференци «Путинимзмы басаст», знон багйом ис.