Культурон бындарады хъахъхъæды зонæты æнæбар кæнæ барлæвæрды домæнтæ халгæйæ уагъд арæзтадтыл ивары бæрц, гæнæн ис нысаниуæгджынæй фæбæрзонддæр уа
Культурон бындарады хъахъхъæды зонæты æнæбарлæвæрдæй кæнæ барлæвæрды домæнты хæлдæй уагъд арæзтадты тыххæй ивары рæзты фæдыл закъонопроект бакуыстæуыд, кæцы сбæлвырд кæнынмæ, закъондæттæн органмæ уыдзæн æрвыст, – уый фæдыл сæйраг горæты муниципалитеты хицауады рабадтыл Тбилисы мэр Каха Каладзе райхъусын кодта.
Йæ дзырдæй зæгъгæ, мэрийы уынаффæйæ 2017 азæй фæкарз ис регуляцитæ æмæ ивартæ, уымæн æмæ историон цыртты скуынæгы хардзыл горæты райрæзт нæрайсгæ у.
«Нæкæсгæ уымæ, уагæвæрд санкцитæ арæх, уæддæр нæ уыдысты уромæг мæцъисæй иуæй-иу амайæг компанитæн æмæ ахæм типы барадсастытыл иу, хъыгагæн, уæддæр амбæлæм. Фæнысангонды тыххæй, хъуыды кæнæм, цæмæй культурон бындарады хъахъхъæнæг зонæты арæзтадон барадсастыты санкцитæ хъуамæ фæкарздæр уа. Махæн активон коммуникаци ис Гуырдзыстоны парламнтимæ, цæй тыххæй дæр сæ тынг зæрдæрухс дæн. Æрцæттæ кодтам закъонопроект, кæцы йæ хъуыдыйы дары культурон бындарады хъахъхъæды зонæты æнæбарæй кæнæ барлæвæрды домæнты халгæйæ уагъд арзæтадты тыххæй, ивар фæбæрзонддæр кæнæм – I æмæ II классы цауты, зæгъæн ис æртывæр хаттон, æрмæст IV æмæ V классы цауты, фондз хатты фæбæрзонддæр кæнæм ивары бæрц», – райхъусын кодта Каха Каладзе.