Кристиан Даниелсон Гуырдзыстонмæ æрцæудзæн къуырийы кæрон, цæмæй медиаци адарддæр кæна, – уый фæдыл Европаг Советы президент Шарль Мишель ныффыста «Фейсбукы».
«Схатдзæг кодтам Даниелсоны медиацийæ Гуырдзыстоны цы прогресс уыдис, уый. Афон у гуырдзиаг адæмы интерестæм æмбæлгæ æнæмæнгхъæугæ компрромисстæ æруадзын.
Кристиан Даниелсон къуырийы кæронмæ æрыздæхдзæнис Гуырдзыстонмæ уый тыххæй, цæмæй баст фарсыты æхсæн адарддæр кæна медиаци», – фыссы Мишел «Фейсбукы».
Европаг Советы президенты специалон минæвар Кристиан Даниелсон Гуырдзыстонмæ æрцыд 12 марты. Уымæ Европаг Советы президент Шарль Мишелæй хæслæвæрд уыд Гуырдзыстоны хицауад æмæ оппозицийы æхсæн медиацийы тыххæй.
Даниелсон 12-14 марты ауагъдта фембæлдтæ, куыд хицаугæнæг балы, афтæ оппозицийы минæвæрттимæ. Уый фæстæ Европаг Советы президенты минæвар йæ визит адарддæр кодта. Ауагъдта иумæйаг фембæлдтæ хицауад æмæ оппозицийы минæвæртты хайадæй, фæлæ æнæфæстиуæгæй.
Даниелсон Гуырдзыстонæй ацыд 19 марты. Ацыды размæ лæвæрд пресс-конференцийыл Кристиан Даниелсон ныфс разагъдта, ома партитæм уыдзæнис компромиссы фæндон, кæцы дæтты фæстиуæгы гæнæндзинад.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, æрыздæхдзæнис Брюссельмæ æмæ алцыппæты тыххæй базонын кæндзæн Шарль Мишелæн.