Кристиан Даниелсон -  Евроцæдис æххæстæй  басту процессы, цæмæй  Гуырдзыстонæн баххуыс уа кризис алыг кæныны, фæлæ  кризис кæрон скæныныл бæрн æвæрд цæуы  политикон  лидертыл
Кристиан Даниелсон - Евроцæдис æххæстæй басту процессы, цæмæй Гуырдзыстонæн баххуыс уа кризис алыг кæныны, фæлæ кризис кæрон скæныныл бæрн æвæрд цæуы политикон лидертыл

Евроцæдис æххæстæй  баст у, цæмæй  Гуырдзыстонæн кризисы  кæрон скæныны  баххуыс уа, фæлæ кризис  алыг кæныныл бæрнон  Евроцæдис нæ фæлæ,  Гуырдзыстоны  политикон тыхтæ  сты –  уый фæдыл   Европаг Советы президент Шарль Мишелы  минæвар Кристиан Даниелсон   райхъусын кодта.

Даниелсон  компромиссы нысаниуæгмæ раздæхта йæ хъусдард.

«Фембæлдтæн авд европарламентаримæ  æмæ  тæрхон кодтам фидæны къахдзæфтыл. Афтæма фембæлдтæн    активон  æнæхицауадон секторимæ, кæцыимæ фæныхас кодтат. Зноны фидиуæн  уыд тынг цымидисон. Мæнмæ гæсгæ,  ныхас  цæуы   компромиссыл,  кæцы ориентацигонд у  фидæныл.  Ардæм æрцæуыны размæ  Брюсселы   мын уыд контакттæ.  Евроцæдис æххæстæй  баст  у  процессы, цæмæй  Гуырдзыстонæн кризисы  алыгы баххуыс уа, фæлæ кризис  алыг кæныныл бæрнон  Евроцæдис нæ фæлæ,  Гуырдзыстоны  политикон тыхтæ  сты.  Афтæдæр мæ фæнды  зæгъын цæмæй раззаг   миссийы  рæстæджы  алы фарстæтимæ  дзыбых æрзонгæ стæм.  Мæ хъуыдымæ гæсгæ,   алы  политикон парти зонынц, цы хъуыды  кæнынц  æндæртæ.  Атæдæр  зонынц, цы саразын хъæуы   бафидауынæн, фæлæ  уый сæхи бар у,  цæмæй  рацæуой  компромиссимæ   æмæ  бафидауой» – банысан кодта Кристиан Даниелсон.