Криштиану Роналдуйы   стилисты  фысымуаты  номыры  кардæй  мардæй   ссардтой
Криштиану Роналдуйы стилисты фысымуаты номыры кардæй мардæй ссардтой

Турины  «Ювентусы»   форрварды  Криштиану  Роналдуйы   сæйраг стилист Рикардо Маркес Феррейрайы  Цюрихы  иуæй-иу  фысымуаты  номыры  мардæй   ссардтой – хъусын кæны   рауагъдад Mundo Deportivo.

Нæлгой магы 2  ноябры   ссардта  фысымуаты   кусæг.  Йæ ныхæстæм  гæсгæ,  зæгъгæ  стилист    тугæйдзаг  хуыссæнты  уыд,  уаты  та   лæууыд алкоголон ныуæзты смаг.

Феррейрайы буарыл  фæбæрæг сты  кардæй хъæдгæмттæ.

Ац ы моментмæ   бæрæг нæу   чи ракодта  фыдракæнды.   Фолици хъуыддаг рæгъмæ рахаста.