Криштиану  Роналду   Испанийы   фидтонон  куыстæн бафиддзæн 20 милуан
Криштиану Роналду Испанийы фидтонон куыстæн бафиддзæн 20 милуан

Мадриды «Реалы»  форвард  Криштиану  Роналду   Испанийы   фидтонон  куыстимæ  æрныхас кодтой.  El Confidencial куыд фыссы  афтæмæй, португалиаг футболист   18-20 милуан  евройы  бафиддзæн  йæ  ныхмæ  цы хъуыддаг  рахастой  рæгъмæ  уый  æрыхгæнынæн.  Бирæ раздæр,   Испанийы  финансон  куысты  4  эпизоды  дауу кодтой  Роналдуимæ,  æмæ  йæ сдомттой  28 милуан еквро  бафидын.

 

Рауагъдады  информацийæ,   бадзырд йæ хъуыдыйы  дары   дыууæфарсон  фæбарстытæ  футболисты æмæ  фидтонон органы æхсæн.  Документыл къух  хъуамæ  бафыссой  2018 азы  онг.