Швейцарийы асæй дыккаг банк, «Кредит Суисс» Уæрæсейы 19 миллиард доллары бæрц активтæ баурæдта.
Швейцарийы медиайы хуъсинагæй, уый официалонæй бæрæг цы уыдис, уымæй бирæ фылдæр бæрцæй активтæ сты валютæйæ. Официалонæй Швейцариаг банк райхъусын кодта 8.1 миллиард доллары уырыссаг активты баурæды тыххæй.
Фæнысангонд суммæйæ, цыппар миллиард Швецйцарийы санкциты дæлбар уæвæг адæймæгты сæрмагонд сты, иннæ активтæ та, уырыссæгты æхца сты, кæцытæ Европæйы æндæр бæстæты сты арæнæвæрдты бын.
Уыимæ, Швейцарийы Уæрæсейы æмбæстæгты сæрмæмулкы уæвæг 15 исадыл хъоды æвæрд æрцыд. Æмтгæй райсгæйæ рæстæгмæ байст активты нымæц зæгъæн ис 50 миллиард доллармæ ахæццæ ис.