«Коваксы»  фæрцы  «Ковид-19»-ы  ныхмæ вацинæты райуæрсты ранывæзт  бæрæг суыдзæн иннæ куырийы
«Коваксы» фæрцы «Ковид-19»-ы ныхмæ вацинæты райуæрсты ранывæзт бæрæг суыдзæн иннæ куырийы

Æхсæнадæмон механизм «Коваксы» фæрцы  «Ковид-19»-ы ныхмæ вакцинæйæ ифтонгкæныны   график  хайадисæг бæстæтæн фидæн къуырийы  суыдзæн бæрæг.

Уый фæдыл  дзырдæуы Æнæнизхъахъхъæды  Дунейы организацийы  ахæлиугонд   пресс-релизы, кæцы публикацигонд æрцыд  организацийы веб-фарсыл.  Документмæ гæсгæйæ, вакцинæты иу хайæ ифтонгад  сыххæст уыдзæн  февралы  кæрон,æрмæст сæйраг  хайы  та  арвитдзысты марты.

Фидиуæны  ранымадтой уыцы  критеритæ, кæцытæ  «Коваксы» хайадисæг бæстæтæ  вакцинæтæ  афоныл  райсынæн хъуамæ сæххæст кæной.   Иуæй-иу  ахæм домæн у  конкретон  бæстæйы  регулиргæнæг   органтæй  №Коваксы»  фæрцы  байуаринаг  вакцинæтæй  æлхас кæнынæн барлæвæрд   æмæ вакцинацийы  националон план бавдисын.

Уыимæ иумæ  фидиуæны банысангонд у, цæмæй  æнæниздзинад хъахъхъæнынады æппæтдунейон организаци райы  бритайнаг-шведаг  компани «Астразенекайы» вакцинæйы дыууæ  вариантæн  сæрмагондæй сфæлхакæнынæн  барлæвæрд раттынæй.

Бакой уын кæндзыстæм цæмæй  3 февралы  Ковид-19-ы ныхмæ вакцинæты глобалонæй  рæувадат скæнынæн  арызт  æхсæнадæмон  механизмы «Коваксы»  къухдариуæггæнджытæ ахæлиу кодтой  прогноз, кæцымæ гæсгæ дæр ацы механизмы фæрцы  компани «Астразенека» æмæ «Pfizer»-ы  вакцинæты байуарын план кæны.  Ацы прогнозмæ гæсгæйæ, Гуырдзыстонмæлæвæрд æрцæудзæн  вакцинæйы  214 мин дозæ.