Короновирусы ахæлиуы тыххæй, Уæрæсе Китайимæ арæнтæ æрыхгæндзæн
Короновирусы ахæлиуы тыххæй, Уæрæсе Дард Скæсæны Китайимæ арæнтæ æрыхгæндзæн.
Уæрæсейы премьер-министр, Михаил Мишустин æмбæлон бардзырд ныридæгæн бафыста.
Мæскуыйы скуыддзагæн йæ нысан у Уæрæсейы территорийыл короновирусы ахæлиуы превенци. Дард Скæсæны Уæрæсейæн арæнтæ ис Китайимæ, Япониимæ, Цæгат Кореяимæ æмæ АИШ-имæ.
Уæрæсейы оперативон штабæн бæстæйы вице-премьер, Татьяна Голикова къухдариуæг кæны. Китайы хицауад æнæбæрг равзæрды пневмонийы ахæлиуы фæдыл 2019 азы декабры кæрон райхъусын кодта. Ног Типы короновирусæй нырид 170 адæймаг æрбамард, 7 711 та фæрынчын сты.