Коронавирусы ног цаутæй Тбилисы рæбæрæг ис 1 130, Ачъарайы 653, Имереты -463

11:16, 10.11.2020

Абоны уавæрæй, 24  сахаты дæргъы рабæрæг ис  коронавирусæй  инфицирады 2 970 ног цау – уый фæдыл  æхсæнуагдонон координацион  советимæ архайæг   оперативон   штабы  хистæр Александре Ходжеванишвили, хицауады  администрацийы лæвæрд  брифингыл райхъусын кодта.

«Хъыгагæн  фæстаг 24 сахаты дæргъы,   амард 22 адæймаг, сæ нымæцы  Тбилисы-11, Ачъарайы – 4, Имереты  – 6, Квемо Картли – 1  адæймаг.  2020 азы  26 февралæй  абоны онг  Гуырдзыстоны амард 521 коронавирусæй  фæрынчынуæвæг  пациент», – райхъусын кодта Александре Ходжеванишвили.

Хуыздæр