Коронавирусы аст ног цауæй æртæ сты Бочъоришвилийы клиникæйы кусджытæ
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады абон цы аст цау сбæлвырд ис, уыдонæй æртæ медицинон сферæйы минæвæрттæ сты, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа фехъусын кодта.
Премьер-министр куыд банысан кодта, афтæмæй, дыууæ цауы равзæрæн та нырмадæр нæу бæрæг зæгъгæ.
«Абон бæстæйы, инфицирады аст ног цау нын ис, цымæ бирæ нæу, уымæй фылдæр дæр нæм уыд. Фæлæ хъыгагæн, аст цауæй æртæ сты медицинон сферæйы минæвæрттæ, сæрмгондæй та Бочъоришвилийы клиникæйы кусджытæ. Дыууæ цауы равзæрæн та нырма дæр нæу бæрæг, практиконæй ноджы иу хатт бæлвырд базыдтам, цæмæй реалонæй эпидемийы асатыл ныхас кæнын æгæр раджы у», – райхъусын кодта Гиорги Гахариа.