Коронавирусы тыххæй хицауады хыгъдлæвæрд парламентмæ абон æрцæудзæн æрвыст
Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа хъусын кæны, ома коронавирусы тыххæй хыгъдлæвæрд парламентмæ абон æрцæудзæн æрвыст.
Гиорги Гахариа куыд банысан кодта уымæ гæсгæ, фысгæ хыгъдлæвæрд цæттæ у, абон æрцæудзæн æрвыст парламентмæ æмæ публикацигонд æрцæудзæн хицауады веб-фарсыл дæр.
«Банымадтам, цæмæй уый у бæрнон хицауады къахдзæф, кæцыйы фæрцы йæ æмбæстæгтæн æмæ алы интересджын адæймагæн райхалдзæн, ацы уæлрадон уавæры рæстæджы, цы мотивæй, цавæр схемæтæй, цы структурæйæ уыдысты ист уынаффæтæ, цы уыдис ацы уынаффæты мотиваци æмæ нысан. Алцыппæт уый деталонæй бавдыст у хыгъдлæвæрды мидæг. Афтæма, ацы хыгъдлæвæрды комкоммæ хаст сты уыцы нысан æмæ фæтиуæгты цæдистæ, кæцыты тыххæй нæ бахъуыд ахæм уæззау арæнæвæрдтæ сфидар кæнын æмбæстæгтæн æмæ ма бирæ æндæр деталтæ» – загъта Гиорги Гахариа.