Коронавирусæй инфицирады ног цаутæй 2157 рабæрæг ис Тбилисы, 417 – Ачъарайы, 537 – Имереты
Фæстаг 24 сахаты дæргъы, рабæрæг ис вирусæй инфицирады 3 598 ног цау, – уый фæдыл æхсæнуагдонон координацион советимæ архайæг операцион штабы хистæры хæдивæг Бердиа Сичъинава хицауады администрацийы брифингы рæстæджы фехъусын кодта.
«Хъыгагæн фæстаг 24 сахаты дæргъы нын ис коронавирусæй рынчын 36 адæймагы мæлæты цау. 2020 азы 26 февралæй абоны онг æмтгæй райсгæйæ леталон цауты нымæц у 1012»-загъта Бердиа Сичъинава.
Афтæма йæ информацийæ, абон инфицирады цы 3 958 ног цау рабæрæг ис, уыдоны сæйраг горæт æмæ регионты бæрæггæнæнтæ ахæм сты: Тбилис- 2157, Ачаъара -417, Имерет-537, Квемо Картли – 190, Шида Картли -137, Гуриа -78, Самегрело-Уæллаг Сванет -159, Кахет -140, Мцхета-Мтианет -89, Самцхе-Джавахет-40, Рачъа-Лечхум æмæ Дæллаг Сванет -14.