Коронавирусæй инфицирады ног цаутæй, 1 314 рабæрæг ис Тбилисы, 523 – Ачъарайы, 264 – Имереты
Абон уæвæг уавæрæй, фæстаг 24 сахаты мидæг рабæрæг ис вирусæй инфицирады 3 071 ног цау, – уый фæдыл фехъусын кодта æхсæнуагдонон координацион советимæ архайæг операцион штабы хистæры хæдивæг Бердиа Сичъинава хицауады администрацийы брифингы рæстæджы.
«Коронавирусæй инфицирады абон цы 3 071 ног цау рабæрæг ис, уыдоны сæйраг горæты æмæ регоинты бæрæггæнæнтæ ахæм сты: Тбилис – 1 314, Ачъара -523, Имерет -264, Квемо Картли – 104, Шида Картли -44, Гуриа -106, Самегрело-Уæллаг Сванет -232, Кахет -214, Мцхета-Мтианет -165, Самцхе-Джавахет-84, Рачъа-Лечхум æмæ Дæллаг Сванет -21», – фехъусын кодта Бердиа Сичъинава.