Коронавирусæй инфициарады ног цаутæй цыппар сфиксир сты Батумы
Коронавирусæй инфициарады ног цаутæй цыппар сфиксир сты Батумы

Батумы коронавирусы  цыппар  ног цау  сфиксир ис.  Ивгъуыд 24 сахаты   дæргъы  608 уæнгы  анализтæ  басгæрстой.

Ачъарайы   æнæнизхъахъхъæды  министрады информацийæ,   фæрынчынуæвджытæй  дыууæ, Кобулеты   рабæрæггонд цауимæ контакттæ сты, дыууæ та импортиргонд  цаутæ æмæ  пациенттæ  æхсæнадæмон  уаргъты ласæг  хæдтулгæты тæрджытæ  сты, уыдонæй  сæ иу Гуырдзыстоны, æрмæст иннæ та  Турчы æмбæстаг у, кæцы  хоскæнынмæ  сæрмагонд бæстæмæ æрыздæхт.

Ныр Батумы  республикон рынчындоны  32 пациентæн хос кæнынц. Иу  пациент  Кутаисы цæрæг   барвæндæй  ахызт Кутаисмæ хос кæнынмæ.

Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады   аст ног цау рабæрæг ис, 13  пациент та сæнæниз ис.