Константин Косачев - Кæд Гуырдзыстоны альянсы æфсæддон тыхтæ æрлæудзысты, Уæрæсе адекватон дзуаппон мадзæлттæ райсдзæн
Уæрæсейы парламенты уæллаг палатæйы æхсæнадæмон ахастыты комитеты сæрдар, Константин Косачевы ныхæстæм гæсгæ, кæд Гуырдзыстон суыдзæн НАТО-ы уæнг, æмæ Гуырдзыстоны альянсы æфсæддон тыхтæ æрлæудзысты, уæд зæгъгæ, Уæрæсе адекватон дзуаппон мадзæлттæ райсдзæн æмæ æмбæлон æфсæддон цæттæдзинад Уæрæсейы дæр райдайдзæн.
«Гуырдзыстоны НАТО-ы уæнгсуæвыны цауы, Тбилисы, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы ахастыты нормализаци æнæреалон суыдзæн, ахæм цауы, Гуырдзыстоныл ахæлиу уыдзæн альянсы æфсæддон бацæттæйы программæтæ, æрлæудзысты ног типы хотыхтæ æмæ альянсы дæлхайадтæ. Алцыппæт ай та Хуссар Кавказы ног æндыгъддзинад сцырын кæндзæн æмæ Уæрæсейы æрдгæй дæр, дзуаппон мадзæлттæ раситдзæн. Кæд Уæрæсейы арæнты цур альянсы ног системæтæ æрцæудзысты æвæрд, уæд Мæскуы алы амæлттæ бацархайдзæн Уæрæсе æмæ йæ æмцæдисонты баиргъвын» – райхъусын кодта Косачев.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, Уæрæсе никуы æртъхъирæн кодта æмæ нæдæр ерын æртхъирæн кæны Гуырдзыстонмæ, æрмæст уыцы гуырдзиаг политиктæ, кæцытæ Гуырдзыстоны альянсы уæнгсуæвын фæнд кæнынц, хъуыды кæнынц æрмæстдæр цыбырæмгъуыдон политикон боны фæткыл.
Бакой уын кæндзыстæм, Уæрæсейы президент, Владимир Путин 17 июлы, телекомпани Fox News-имæ интервьюйы райхъусын кодта, ома Урæсемæ зæгъгæ, Гуырдзыстон æмæ Украинæйы НАТО-ы рæнхъытæм райсты цауы, уыдзæн негативон реакци.