Константин Косачев – Цæттæ стæм, Гуырдзыстонимæ ахастыты гармоний сæндидзын кæнæм, кæд уый Гуырдзыстоны æмæ гуырдзиаг адæмы фæнды уæд
Уырыссаг-гуырдзиаг ахастыты сæндидзын кæнын гæнæн ис, кæд Гуырдзыстоны уый æрфæнда уæд – агентад «ТАСС» куыд фыссы афтæмæй, уый тыххæй Уæрæсейы Федерацийы советы рабадтыл фæсарæн хъуыддæгты комитеты къухдариуæггæнæг Константин Косачев райхъусын кодта.
«Уырнæг дæн, мах алчи хъуамæ æрымбырд кæнæм зæндджын тыхтæ гуырдзиаг дзыллæйы уыцы зындзинæдтæм æнæкæсгæ, кæцытæ абон нæ ахастыты ис, ацы æнамонддзинады сæрты ахизæм, кæцы æрыййæфта гуырдзиаг адæмы – тынг агрессивон æмæ тынг уæлæнгай национализмы æнамонддзинад. Мах, цæй зæгъын æй хъæуы, цæттæ стæм нæ ахастыты гармоний сæндидзын кæнæм, фæлæ уыцы разæууæлæй, кæд уый Гуырдзыстоны æмæ гуырдзиаг адæмы фæнды», – райхъусын кодта Косачев.
Знон Уæрæсейы дума æмхъæлæсонæй райста рекомендаци Гуырдзыстоны ныхмæ экономикон мадзæлттæ сфидар кæныны фæдыл. Фæстæдæр Уæрæсейы президент, Владимир Путин райхъусын кодта, цæмæй уый гуырдзиаг адæмы ныхмæ экономикон санкцитæ не сфидар кæнит, йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ «Гуырдзиаг адæмæн кæй кад кæны, уый тыххæй».