Конкуренцийы националон агентад рывнæлдта автомобилон æртагы базарыл фæдæвзарæнмæ
Конкуренцийы националон агентад рывнæлдта автомобилон æртагы базарыл фæдæвзарæнмæ

Гуырдзыстоны премьер-министры  рекомендацийæ æмæ 2022 азы  мониторингы   фæстиуджыты бындурыл, конкурецийы националон агентад, автомобилон  æртагы базары фæдыл бæрæгкæнын  райдыдта.

Фæнысангонд нысан у,  æртагы базарыл  ставд   реализаторты æрдгæй  конкурентон  архайыны  бацахуыр  æмæ йæ  æмбæлондзинад  конкуренцийы фæдыл закъонимæ.

«2022 азы  авд мæйы  мониторингы  фæстиуджытæм гæсгæйæ,   Уæрæсейæ  импортиргонд  æртагы  цауы  импорты æмвæзадыл  æмæ   Румынийæ  импортиргонд   æртагы  цауы  таможнæйы  фæстуæрцы  аргъмæ  гæсгæйæ  конкретон  компанитæм,  æргъты æрдгæй конкурентон уæлидзинад уыд, фæлæ  фæнысангонд,  æртагы   фæлхасадон базарыл æмбæлгæйæ нæ фæзындис, нæкæсгæ уымæ, цæмæй  ацы периоды  фиксир кодта  нефтыл æхсæнадæмон  æргъты фæкаддæр  æмæ националон валютæй  курсы рæзты   тенденци дæр», – банысангонд у  мониторингы  хыгъдлæвæрды.

Аргълæвæрдмæ гæсгæйæ,   ахæм  тенденцитæ  цæугæ азы  мартъи-апрелы  периоды дæр  сфиксир ис, фæлæ йеуæд  уый   дунеон базарад  æмæ регионы уæвæг  æнæстабилондзинадæй  райхæлдтой.

Закъонæй бæрæг  уагмæ гæсгæйæ,  бацахуыры фæлгæтты –   хæлд сбæрæг кæныны  цауы, иварон   санкцитæ  сфидар уыдзысты.  Афтæма   базар сæнæнизкæныны  æмæ конкурентхъомад сбæрзонддæр кæныны нысанæн, æмбæлгæ рекомендацитæ бакуыст уыдзæн.