Конкуренцийы националон агентад рывнæлдта автомобилон æртагы базарыл фæдæвзарæнмæ
Гуырдзыстоны премьер-министры рекомендацийæ æмæ 2022 азы мониторингы фæстиуджыты бындурыл, конкурецийы националон агентад, автомобилон æртагы базары фæдыл бæрæгкæнын райдыдта.
Фæнысангонд нысан у, æртагы базарыл ставд реализаторты æрдгæй конкурентон архайыны бацахуыр æмæ йæ æмбæлондзинад конкуренцийы фæдыл закъонимæ.
«2022 азы авд мæйы мониторингы фæстиуджытæм гæсгæйæ, Уæрæсейæ импортиргонд æртагы цауы импорты æмвæзадыл æмæ Румынийæ импортиргонд æртагы цауы таможнæйы фæстуæрцы аргъмæ гæсгæйæ конкретон компанитæм, æргъты æрдгæй конкурентон уæлидзинад уыд, фæлæ фæнысангонд, æртагы фæлхасадон базарыл æмбæлгæйæ нæ фæзындис, нæкæсгæ уымæ, цæмæй ацы периоды фиксир кодта нефтыл æхсæнадæмон æргъты фæкаддæр æмæ националон валютæй курсы рæзты тенденци дæр», – банысангонд у мониторингы хыгъдлæвæрды.
Аргълæвæрдмæ гæсгæйæ, ахæм тенденцитæ цæугæ азы мартъи-апрелы периоды дæр сфиксир ис, фæлæ йеуæд уый дунеон базарад æмæ регионы уæвæг æнæстабилондзинадæй райхæлдтой.
Закъонæй бæрæг уагмæ гæсгæйæ, бацахуыры фæлгæтты – хæлд сбæрæг кæныны цауы, иварон санкцитæ сфидар уыдзысты. Афтæма базар сæнæнизкæныны æмæ конкурентхъомад сбæрзонддæр кæныны нысанæн, æмбæлгæ рекомендацитæ бакуыст уыдзæн.