Конкуренцийы агентад ивгъуыд аз алкæмæй фылдæр ивар, фармацевтон компанитæн снысан кодта
Конкуренцийы агентад ивгъуыд аз алкæмæй фылдæр ивар, фармацевтон компанитæн снысан кодта.
2023-æм азы, конкуренци æмæ хъахъæды агентады иртасты фæстиуæг, компанитæн æнæхъæнæй 58 419 983 ларийы бæрц ивар уыд нысангонд -уый фæдыл агентады афæдзон хаццæгы ис фыст. Сæ информацимæ гæсгæ, снысангонд нымæцæй стыр хай 53 милуан лари та фармацевтон компанитæм хауы.
Хаццæгы ис фыст, цæмæй ивгъуыд аз агентта даст хъуыддаг бакаст, кæцытæй æртæ уыд ивар исты фæдыл – фармаци, æртаг æмæ онлайн билетты базарыл.
58 милуаны онг ларийы бæрц ивар уыд нысангонгонд æнæхъæнæй: «Аверси» -14 402 425 , «Гефа» -20 349 336, «ПСП» -17 094 872, «Мермис» -951 301.
Æртагы сферайы ивартæ: «Джорджиа» -1 073 998, «Ромпетрол Сакартвело» -987 886, «Сокар Джорджиа Петролиум» -693 576, «Лукойл Джорджиа» -450 590 лари.