Конкуренцийы агентад фæлхасгæнджыты куырдиæтты исын æмæ сæ кæсын  райдаы фыццаг ноябрæй
Конкуренцийы агентад фæлхасгæнджыты куырдиæтты исын æмæ сæ кæсын райдаы фыццаг ноябрæй

Гуырдзыстоны территорийыл, фæлхасгæнæджы барты æмæ  законон  интерестæ  хъахъхъæды,  халын маруадзыны æмæ  хæлд бартæ сæндидзын  баахъаз кæныны,  факттæ рабæрæгы æмæ æмбæлгæ реагир кæныны нысанæн,  Гуырдзыстоны  конкуренцийы фæдыл  национ агентад, фыццаг ноябрæй,  куырдиæттæ исын æмæ сæ кæсын райдайдзæн.

Конкуренцийы националон агентады  сæрдар Ираклий Леквинадзейы фидиуæнæй, зæгъгæ  фæлхасгæнæджы бартæ хъахъхъæды  закъоны  нысан у  бæстæйы  ифтонггонд уы  фæлхасгæнæджы  хъахъхъæды  бæрзонд  гæъд  æмæ  уый Гуырдзыстон æмæ Евроцæдисы  æхсæн къухбафыст  ассоциацидзинады  хæсисты  хай у.

«Абонæй 2022  азы фыццаг   ноябрæй,  кæцыфæнды уæнгæн ис бар,  агентадмæ  раздæха  куырдиатæй.  Нæ уагдон хъуыддаг бацахуыр кæндзæн гæнæн  халындзинады  ахæм факттыл, кæцытæ расайдтой кæнæ гнæнæн  ис   расайа  фæлхасгæнджыты къорды интерестæ халын.

Нысаниуæгджын у  бамбарын кæнæм, цæмæй кæд базайраджы мидæг сахъат  йæ балхæдæй  æхсæз мæйы  мидæг   рабæрæг кодта,  уæд бæлвырд кæнын хæсджын у  базаргæнæг, æрмæст æхсæз мæйы  фæстæ  аипп рабæрæгы цауы –   сбæлвырд кæныны хæс æвæрд цæуы   фæлхасгæнæгыл.

Ног  закъонмæ гæсгæйæ,  æрбайст уыдзæн  14 бонон  æнæуæлдайныхасæй фæстæмæ баздахыны  уаг, кæцы æххæссы æрмæст онлайн базарадмæ  æмæ  кондадæддæйæ (реализацион пункты) æвæрд  бадзырдтæм.

Закъонмæ æмбæлгæйæ,  базаргæнæг хæсджын у – фæлхасгæнæгæн лæмбынæг  базонын кæна æххæст æмæ  раст информаци –  продукты  хуызы, йæ миниуджыты, йæ бæзгæдзинадыл æмæ а.д.

Фæлхасгæнджыты барты  хъахъхъæды Европаг стандарттæ æрфидар кæнын иттæг нысаниуæгджын у  нæ бæстæйы  Евроцæдисмæ  интеграцийы  процессæн æмæ  конкуренцийы  националон агентад, фæнысангонд  æрдæмадæй,  максималонæй  сифтонг кæндзæн фæлхасгæнджыты барты хъахъхъæд» –   райхъусын кодта Ираклий Леквинадзе.