Конкуренцийы агентад фæлхасгæнджыты куырдиæтты исын æмæ сæ кæсын райдаы фыццаг ноябрæй
Гуырдзыстоны территорийыл, фæлхасгæнæджы барты æмæ законон интерестæ хъахъхъæды, халын маруадзыны æмæ хæлд бартæ сæндидзын баахъаз кæныны, факттæ рабæрæгы æмæ æмбæлгæ реагир кæныны нысанæн, Гуырдзыстоны конкуренцийы фæдыл национ агентад, фыццаг ноябрæй, куырдиæттæ исын æмæ сæ кæсын райдайдзæн.
Конкуренцийы националон агентады сæрдар Ираклий Леквинадзейы фидиуæнæй, зæгъгæ фæлхасгæнæджы бартæ хъахъхъæды закъоны нысан у бæстæйы ифтонггонд уы фæлхасгæнæджы хъахъхъæды бæрзонд гæъд æмæ уый Гуырдзыстон æмæ Евроцæдисы æхсæн къухбафыст ассоциацидзинады хæсисты хай у.
«Абонæй 2022 азы фыццаг ноябрæй, кæцыфæнды уæнгæн ис бар, агентадмæ раздæха куырдиатæй. Нæ уагдон хъуыддаг бацахуыр кæндзæн гæнæн халындзинады ахæм факттыл, кæцытæ расайдтой кæнæ гнæнæн ис расайа фæлхасгæнджыты къорды интерестæ халын.
Нысаниуæгджын у бамбарын кæнæм, цæмæй кæд базайраджы мидæг сахъат йæ балхæдæй æхсæз мæйы мидæг рабæрæг кодта, уæд бæлвырд кæнын хæсджын у базаргæнæг, æрмæст æхсæз мæйы фæстæ аипп рабæрæгы цауы – сбæлвырд кæныны хæс æвæрд цæуы фæлхасгæнæгыл.
Ног закъонмæ гæсгæйæ, æрбайст уыдзæн 14 бонон æнæуæлдайныхасæй фæстæмæ баздахыны уаг, кæцы æххæссы æрмæст онлайн базарадмæ æмæ кондадæддæйæ (реализацион пункты) æвæрд бадзырдтæм.
Закъонмæ æмбæлгæйæ, базаргæнæг хæсджын у – фæлхасгæнæгæн лæмбынæг базонын кæна æххæст æмæ раст информаци – продукты хуызы, йæ миниуджыты, йæ бæзгæдзинадыл æмæ а.д.
Фæлхасгæнджыты барты хъахъхъæды Европаг стандарттæ æрфидар кæнын иттæг нысаниуæгджын у нæ бæстæйы Евроцæдисмæ интеграцийы процессæн æмæ конкуренцийы националон агентад, фæнысангонд æрдæмадæй, максималонæй сифтонг кæндзæн фæлхасгæнджыты барты хъахъхъæд» – райхъусын кодта Ираклий Леквинадзе.