Къонгойы  авиакатастрофæйы фæстиуæгæн 18 адæймаг фæхъуыд
Къонгойы авиакатастрофæйы фæстиуæгæн 18 адæймаг фæхъуыд

Къонгойы Демокративон  Республикæйы  авиакатастрофæйы амæттаг иууыл цъус  18  адæймаг ссис.

«ВВС»-ы  информацийæ,  чысыл   бæлццонон хæдтæхæг  сахар Гомайы  цæрæн  сыхы æрхаудта. Хæдтæхæджы мидæг бадтис  16  бæлццон æмæ  экипажы  дыууæ  уæнгы.   Бынæттон   медиа  хъусын кæны,  цæмæй  фæмадуæвджыты нымæцы  сты   уыцы сахары цæрджытæ, кæцыйы дæр хæдтæхæг æрхаудта.

Хицæн компанийы   сæрмагонд   «Дорньер-228»-ы  типы   хæдтæхæг   сахар Гомайы  Бенимæ  фæцæйтахтис æмæ   стахтæй  иу  минутмæ æрхаудта.  Авиакатастрофæйы  аххосаг бæрæг нæу, фæлæ иуæй-иу ратæдзæны  информацийæ,  хæдтæхæгæн  йæ  стæхыны моменты  сырæзт проблемæтæ.