Компани «Перийы»  директор - Панкисы  Коммæ  бацыдыстæм патрулон полицийы æрмæст æртæ  хæдтулгæимæ æмæ  зæгъгæ уæлæмхас тыхтæ не рбацыдысты, уæд нын   бирæ  фыддæрдæр  фæстиуджытæ уыдаит
Компани «Перийы» директор - Панкисы Коммæ бацыдыстæм патрулон полицийы æрмæст æртæ хæдтулгæимæ æмæ зæгъгæ уæлæмхас тыхтæ не рбацыдысты, уæд нын бирæ фыддæрдæр фæстиуджытæ уыдаит

Панкисы  Коммæ  бацыдыстæм æрмæст æртæ патрулон полицийы æртæ  хæдтулгæимæ  æмæ  зæгъгæ уæлæмхас тыхтæ не æрбацыдысты,  уæд бауырнæт уæ,  бирæ  фыддæрдæр  фæстиуджытæй  фæуыдаит процесс –  уый фæдыл  компани «Перийы»  æххæстгæнæг   директор, Лаша Иорданишвили  райхъусын кодта.

Афтæдæр, йæ ныхæстæм гæсгæ, Панкисы Комы  гидроэлектростанцæйы  арæзтад райдаыны бонæй, цæрджытæ  информиргонд уыдысты  æмæ  Иорданишвили куыд   дзуры,  афтæмæй,    протест зæгъгæ ничи равдыста.

«ГЭС-ы  арæзтадмæ куы æрывнæлдтам, уæд  æхсæнадон кастытæ  уагъдтам   афæдз æмæ æрдæгы дæргъы.  Факт  уыд, цæмæй ивгъуыд азы  февралы мæйæ, хæтæлтæ ласын куы райдыдтам, уæд цæрджытæ абсолютонæй информиргонд уыдысты  æмæ мæйты дæргъы   протест ничи равдыста.  Сырæзт 30 лæгæй   совет,  кæцы  разы  нæ уыд   æмæ  сæ  абсолютон фылдæры хайы  разыдзинад  нæрайсгæйæ,  ницы  ахицæн кодтон.   Уый фæстæ баиу  сты  нæ  номдзыд æнæхицауадон организацитæ,  кæцытæ  уавæр афтæ  раздæхтой,  æмæ  акцийы  хайадисджыты зноны  фидиуæнтæ  нæ  фидтонты, нæ  бындзагъды тыххæй,  сты  сегасæй  стыр хъусдард цæмæн хъæуы  ахæм, æгæр тæссаг.  Иунысанонæй  бæрн æвæрын æнæхицауадон организацийыл, «Цъæх  Альтернативæ» дарын мæ хъуыдыйы», – райхъусын кодта Иорданишвили.

Журналистты фарстыл, цы план кæны  ГЭС арæзтадмæ гæсгæ,   Иорданишвили дзуры,  цæмæй  знон Панкисы Комы айтынггонд фæзындты фæстæ,  ацы фарста йæ  компетенцийæ хизы.

«Ацы цау мæ  компетенийæ уæлдæр лæууы.  Ацы  уынаффæ  иумагæй  райстам.   Уым дзырд уыдис  цалдæр аууæлы тыххæй. Иуæй-иу  уыд  цæмæй  мах райдыдтаиккам  «Самхъурисцъхъалийы» арæзтад  кæцы  27 мегават  хъомысджын у  æмæ параллелонæй, бакуыстаиккам  цæрджыты максималон разыдзинад  райсын.  Ахæм бадзырд нын банхъарыд   министр Майа Цкитишвили», – райхъусын кодта Лаша Иорданишвили.

Панкисы Комы   бынæттон   цæрджыты æмæ  сипециалон нысаниуæгы балы æхсæн  радон быцæудзинады  рæстæджы  цалдæр адæймаг райста зиан, сæ нымæцы ис журналисттæ  дæр. Акцийы   хайадисджытæ  спецназы балыл  дуртæ æмæ лæдзгуытæ  æхстой, æрымбырдуæвджыты ныхмæ та   спецназы  балы минæвæрттæ   цæссыгуадзæн газ  æмæ  резинæйæ  нæмгуытæй   спайда кодтой. Бынæттонтæ  ГЭС-ы   арæзтад протест кæнынц.

Мидхъуыддæгты  министр Гиорги Гахариа  Панкисы   Комы  акцийы   хайадисджытимæ,  æхгæд дуары форматы, камерæтæй цух фембæлд.  Фембæлды рæстæджы   иуæй-иу  бынæттоны   хæдзары  Гахариаимæ  иумæ   уыдысты  регионалон   райтынгы æмæ  инфраструктурæйы   министр Майя Цкитишвили  æмæ  æрдзы хъахъхъæды æмæ хъæууон хæдзарады   министр  Леван Давиташвили.

Уæдмæ та Гиорги Гахариа  Панкисы  Комы   уавæримæ бынатыл æрзонгæ ис. Мидхъуыддæгты министры  дзырдæй,   спецназы  дзуаппон реакци уый расайдта, æмæ  цæрджытæ  сыл дуртæ æхсын райдыдтой,  министры фидиуæнæй,   уый  зæгъгæ  æнæруадзгæ у  æмæ йыл реакци уыдзæн тызмæг.