«Намахван-ГЭС» уыдис, æмæ уыдзæн гуырдзиаг проект, кæцы гуырдзиаг энергетикæйы æлхынцъон æмæ æнæдихаг хай у, – уый фæдыл компани «Энкайы» минæвар Мераб Ломинадзе абоны брифингыл фехуъсын кодта.
Мераб Ломинадзе куыд банысан кодта афтæмæй, компанийы минæвæрттæ цæттæ сты, информацион кампани ауадзын æмæ æхсæнады уыцы хайæн, кæцы цымидис кæны ГЭС-ы алыварс уæвæг реалондзинад, бавдисой сын æххæст информаци.
«Ацы проекты сыххæст Гуырдзыстоны æрвылазонæй фæлхасгон электроэнергийы 11,5 процент хъуамæ сифтонг кæна, кæцы комкоммæ ивы импортиргонд энергийы. Зымæджы периоды ацы ивд стратегион нысаниуг хæссы æмæ æнæхъæнæй бæстæйы æдасдзинадмæ æххæссы. Гуырдзиаг электроэнерги вæццæгæн у сегасдæр стратегион продукт, кæцы гæнæн ис нæхæдæг амал кæнæм, цæмæй къаддæр баст уæм æндæртыл» – райхъусын кодта Ломинадзе.
Фембæлдыл афтæдæр уыд проекты Евроцæдисы энергетикон иугонды бастдзинадыл.
«Цæттæдзинад æвдисæм, хайад райсæм дискуссийы алы форматы, кæцыйы уыдзæн диалог специалистты æмархайдæй. Афтæдæр нæм ныфс ис хицауады инициргонд формат Европæйы энергетикон иугонды модерацийы фæрцы, уыдзæн рационалон аргументыл æнцойæвæрд, кæцыйы алы фарс уыдзæн баст» – райхъусын кодта «Энкайы» падзахадимæ ахастыты директор.