Компани «Гуглы» сервистæ раиу сты. Нæ кусынц видео-портал Youtube, афтæдæр Google Drive æмæ электронон пост Gmail. Афтæдæр урæд уыдысты æндæр продукттæ дæр.
Бацагуырды системæ кусы. Куылымпыйы аххосæгтæ нырма бæрæг не сты.
Иуæй-иу фæлхасгæнджытæн бантыстис сервситæм бахизын инкогнито режимы, кæцы уый амонгæ у, цæмæй аипп фиксир кæны фæлхасгæнæджы профайлмæ бахызты рæстæдж, ахæм браузерæй архайыны рæстæджы, кæцымæ «гуглы» сервистæм бахизут уæ профайлæй.
Веб-фарсыты куылымпыдзинады мониторингы портал Down Detector-ы бæрæггæнæнтæй, «Гуглы» сервисты куылымпыдзинад сфиксир æппæт дунейы.
Фæнысанкæнинаг у уый æмæ «Гуглы» æмæ йæ продуктты ахæм масштабы куылымпыдзинад уыд августы дæр, раззаг мæй та чысыл куылымпыдзинад сфиксир ис.