Коммуникациты комисси – 2023 азы мобилон интернеты абонентты нымæц 200 минæй райрæзтис æмæ 4.3 милуаны бæрц ссис
Коммуникациты комиссийы 2023 азы хыгъдлæвæрдмæ гæсгæйæ, мобилон интернеты фæлхасгæнджыты нымæц Гуырдзыстоны цырд темпæй рæзы, кæцы онлайн сервситы æмæ цифрон платформæтыл рæзгæ æркуырдæй расайгæ у, – уый фæдыл информаци коммуникациты комисси хъусын кæны.
Афтæма сæ хъусинагæй, раззаг азимæ абаргæйæ, 2023 азы мобилон интернеты абонентты нымæц 200 000-æй райрæзтис æмæ 4,3 милуаны бæрц ссис.
«Хыгъдлæвæрдмæ гæсгæйæ, рæзгæ у афтæдæр мобилон абонентты нымæц, кæцы 2022 азимæ абаргæйæ, 70 000-æй райрæзтис æмæ æмтгæй райсгæйæ 5.91 милуан ссис. Зæрдыл бадарын хъæуы цæмæй фæнысангонд рæзт фылдæр расайгæ у юридикон уæнг абонентты нымæцы 0.9%-он рæзтæй, юридикон уæнг абонентты нымæц 2023 азмæ 1.45 милуаны бæрц уыд, кæцы æмтгæйон мобилон абонентты 25%-ы бæрц у. ацы периоды зæгъæн ис нæ фæивдта физикъон уæнг абонентты нымæц æмæ куыд 2022 азы, афтæ 2023 азы 4.46 милуаны бæрц уыд.
Абонентты нымæцмæ гæсгæйæ, мобилон операторты базары хæйттæ, 2022 азимæ абаргæйæ нæ фæивдта æмæ афтæ райуæрст сты: «Магтиком» – 41%, «Силкнет» -34%, «Селфи Мобаил» -24%. Уыимæ 2022 азы кæрон оперирдзинрад райдыдта мобилон хызы виртуалон оператор «Хало», кæцыйы базары хай 2023 азы бæрæггæнæнтæй у 0.5%», – банысангонд у комминикациты комиссийы ахæлиугонд информацийы.