Коммерцион банкъытæй æмбæстæгтæн, кредит алæвæрдыл арæнæвæрдтæ абонæй скусдзысты
Пайдагæнджыты интересты хъахъхъæды æмæ комерцион банкъыты хæрзвадат кредитон портфелы баахъаз кæныны нысанæн, Гуырдзыстоны Национ Банчы президенты барамындæй, ивдтытæ хаст æрцыдысты «Коммерцион банкыты кредитты концентрацийы æмæ ставд рискъыты фæдыл уагæвæрдмæ» уый фæдыл информацийы хъусын кæны Гуырдзыстоны Национ Банкъ.
Национ Банкъы информацийæ, ивдтытæй, 2018 азы 7 майæ коммерцион банкъытæн арæнæвæрд æрцæудзæн пайдагæнджытæн, фидынхъомдзинады æххæстаргъджын анализæй цухæй, кредитты алæвæрд. Сæрмагондæй та ахæм кредиты æмтгæйон суммæ ма хъуамæ уа коммерцион банкъы цæстдарæгон капиталы 25%-æй уæлдай.
«Æфтиагы бæлвырдгæнæнæй цухæй, хицæн кредиты алæвæрды мотивацийы фæкъаддæр ахъаз уыдзæн кредитон стандартты фæхуыздæрæн банкъон секторы, коммерцион банкъыты кредитон портфелты гъæды фæхуыздæрæн æмæ социалонæй бæрнон кредитон ахастыты сразæнгард кæнынæн» – æмбарын кæнынц Национ Банчы.
Фæнысангонд арæнæвæрд не æххæссы аргъджын дуртæй æмæ згъæртæй кæнæ æнæзмæлгæ мулкъæй ифтонггонд кредиттæм, ифтонгады аргъы фæлгæтты. Афтæма, хæсисæгы фидынхъомдзыинады æххæстаргъджын анализæй цухæй, æнæзмæлгæ исадæй ифтонггонд кредитты æмтгæйон суммæ ма хъуамæ уа банкъы цæстдарæгон капиталы 15%-æй æмæ кредиты адæттыны рæстæджы, хæсы ифтонгады коэффициент мæ хъуамæ уа 50%-æй фылдæр.
Национ банчы Фыццаг Къаналæн куыд фехъусын кодтой афтæмæй, ивдтытæ æххæссынц æрмæстдæр коммерцион банкъытæм, фæлæ ацы æрдæм куыст дарддæр кæны æмæ ахæм типы регуляци, фидæны, æндæр финансон инсттитутæм дæр бандавдзæн.
Гуырдзыстоны Национ Банкъ коммерцион банкъытæн бæрнон кредитдзинады æркуырды æрбайсты фæдыл уæрæх фидиуæн ахæлиу кодта, кæцыйы мидæг лæмбынæг дзырдæуы ацы æрдæм арызт къахдзæфты, аххосы тыххæй, кæцы расидтис ахæм æркуырдты æрбайсыны æнæмæнгхъæуындзинад.