Низты контролы националон центры къухдариуæггæнæг Амиран гамхърелидзейы фидиуæнæй, змæлды тобæйыл рæстæг ахæцыны фарстæн ацы этапмæ центр рекомендаци нæ ратдзæн, уымæн æмæ бæстæйы эпидемиологион уавæры фæфыддæры тенденци ис.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, мобилондзинады фæкаддæр кæнын у пандемиимæ тохы иуæй-иу сæйраг амал.
«Коменданты сахаты ахæцынæн ацы этапыл рекомнедаци нæ ратдзыстæм, уымæн æмæ эпидемиологион уавæры фæфыддæры тенденци ис. Коменданты сахаты цауы сæйраг аххос у мобилондзинад фæкаддæр кæнын, кæцы иу инфекцийы ахæлиу фæсындæг кæнынæн иуæй-иу сæйраг амал. Дзырдтам, цæмæй марты астæу бонты, уæвæг эпидемиологион уавæр фæуромын куы бахъом уаиккам, уæд сахаты ахæцыныл уыдаит ныхас. Фæлæ ацы этапыл, ацы фарстыл ныхас нæ цæуы», – райхъусын кодта Амиран Гамхърелидзе.