Гуырдзыстоны уæлрадон уавæр æмæ коменданты сахат ивд æрцæудзæн 23 майы
Гуырдзыстоны уæлрадон уавæр æмæ коменданты сахат ивд æрцæудзæн 23 майы

Гуырдзыстоны уæлрадон уавæры  режим фæуд  кæны  23  майы.  Президенты декрет  уæлрадон уавæр расидыны  фæдыл,  архайы  22  май нымайгæйæ.

Уымæ гæсгæ,  уæлрадон уавæры  фæлгæтты  архайæг арæнæвæрдтæ,  сæ нымцы   коменданты сахат,  сом  22 майы дæр архайдзæн æмæ йæ  23 майæ та  аивдзысты.

Гуырдзыстоны премьер-министр  Гиорги Гахариа  хицауады  абоны   рабадтыл куыд райхъусын кодта афтæмæй,  хицауад зæгъгæ рахасста уынаффæ, мауал адарддæр уа  уæлрадон уавæр æмæ  коменданты  сахат.

Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ,  уæлрадон  уавæр аивдмæ æнæкæсгæ,   æнæмæнгхъæугæ  у  элементарон  æгъдæуттæ  хъахъхъæнын, кæцытæ «ратдзысты  фадат  фæуромæм æмæ контрол кæнæм  вирусы парахаты  темп». Преьер-министры æмбарынгæнæнмæ гæсгæ,   æмбæлгæ закъондæттæн   фæлгæт  бакусынæн зæгъгæ,   хицауад нырид  баздæхтис парламентмæ.

«Ацы  æркуырдæй мах  баздæхтыстæм парламентмæ, фæнысангонд куыст ныртæккæ цæуы  æмæ  нæ ныфс ис, бæрæг арæнæвæрдтæ, кæцытæ æнæмæнгхъæугæ  сты  æнæнизхъахъхъæды сферæйæн,  ивд не рцæудзысты» –  бафтдыта ма  Гиорги Гахариа.