Къобахидзе Иракъли -  хуыздæр у президентæн ма уа уæрæх аренæ знаггадгæнæг фидиуæнтæ  аразынæн
Къобахидзе Иракъли - хуыздæр у президентæн ма уа уæрæх аренæ знаггадгæнæг фидиуæнтæ аразынæн

Президент ма  хъуамæ  спекуляцитæ кæна,  цы бастдзинад ис   Уæрæсейы æрдгæй  тахтытæ  иуфарсонæй сног кæнын æмæ  президенты  визит фæсарæнтæм? – уый  бынтон зынæмбарæн абарст у, уый у  спекуляци, – уый фæдыл парти «Картули Оцнебайы»  сæрдар Иракъли Къобахидзе  райхъусын кодта.

Къобахидзе Иракълийы  дзырдæй,  зæгъгæ  президенты визитыл  барлæвæрд раттын Гуырдзыстоны  хицауады эксклюзивон бар у.

«Кæд хицауад нымайы, цæмæй   президенты визит, Гуырдзыстонæн кандидаты статус  райстæн къухаразæг нæ уыдзæн, уæд ацы  цауы  хицауадмæ конституцийæ лæвæрд   бар ис,   ма ратта  барлæвæрд президентæн визит сыххæст кæнынæн.  Тæрсæм, цæмæй   президенты визит  æмæ йæ фидиуæнтæ  знаггадгæнæг уыдзысты  нæ тырнынадæн кандидаты  статус райсынмæ.  Кæй зæгъын æй хъæуы,  хуыздæр у  президентæн ма уа уæрæх фадат  ахæм  знаггадгæнæг фидиуæнтæ аразынæн, цæмæй ма  разнаггад кæна  кандидаты статусы   райсты  процессæн», –   райхъусын кодта Къобахидзе Иракъли.

27 апрелы Гуырдзыстоны  президенты администраци  ахæлиу кодта  информаци, ома европарламентимæ  разыдзинадæй,  Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили  Европарламентмæ  Брюсселы раздæхдзæн  31  майы.